Украинæйы æфсад æхста Белгородыл
Украинæйы æфсад æхста Белгород. Фæмард дзы 6 адæймаджы, се 'хсæн - иу аздзыд сывæллон. Ноджы 17 та дзы хъыгдард баййæфтой. Сармадзаны нæмгуытæй иу æрхауд базарадон центрыл, иннæ та схæцыд скъолайы стадионы цур. Æхстытæй хъыгдард баййæфтой бирæфатерон æмæ хицæн хæдзæрттæ, стæй хæдтулгæтæ дæр. Нæ бæстæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл министрады минæвар Мария Захарова куыд загъта, афтæмæй Уæрæсе уыцы хъуыддаг рахæсдзæн æркæсынмæ; нымайы йæ терактыл, Украинæ йæ радон хатт сарæзта нæ бæстæйы цæрджыты ныхмæ. Сергей Меняйло тæфæрфæс ракодта йæ телеграм-каналы Белгороды чи фæмард, уыдоны хиуæттæн. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый уыд «Киевы режимы радон æгъатыр ми».