Сидзæр сывæллæттæн фатертæ дæттыны хъуыддаджы прокуратурæ ссардта аиппыттæ
Республикæйы прокуратурæ бирæ аиппытæ ссардта сидзæр сывæллæттæн фатертæ дæттыны хъуыддаджы. Зæгъæн ис, æмæ паддзахадон фæрæзтæ хардз кæныны дæр. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй фатертæ дзуапп нæ дæттынц æмбæлгæ домæнтæн. Сидзæртæн сæ балхæдта республикæйы цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад. Фæлæ прокуратурæйы хатдзæгтæм гæсгæ, сæ хæрзхъæддзинад у цауд. Афтæмæй та ахæм цæрæнуæттæм ис бæлвырд ис бæлвырд домæнтæ. Фылдæр аиппытæ закъон æххæст кæнынмæ цæстдарæг кусæндоны уæнгтæ æрхастой Дыгуры æмæ Горæтгæрон районтæм. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, фатерты уавæрæй дур дурыл нал ныууагъта республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр. Ныртæккæ цы кадртæ уынут, уыдон дæр сты фатерты тыххæй сæрмагонд æмбырды ист. Уæвгæ канд сæ хæрзхъæддзинадмæ нæ уыдис аиппытæ. Прокуратурæ раиртæста, 10 хатты сидзæртæн æнæ сæхи разыйæ фатертæ радтой, кæм никуы цардысты, ахæм рæтты. Уыцы фæткыл дыууæ сидзæры хъæбæрдзыхæй не сразы сты æмæ абоны онг сты æнæхæдзар. Сæ бартæ сын фехæлдтой, ууыл дызæрдыг прокуратурæйы ничи кæны. Бынтон рæстмæ нæ уыд фатертæ `лхæныны фæтк дæр. Æппæт ацы хъуыддæгты фæстæ прокуратурæ бахатыд республикæйы Хицауады сæрдармæ, цæмæй рæдыдтытæ иуварсгонд æрцæуой. Сæ фылдæрыл сын ныридæгæн бакуыстой. Афтæмæй алыхуызон дисциплинарон æфхæрд баййæфтой амынд министрады кусджытæ, министры фыццаг хæдивæг та йæ куыст фæуагъта. Иуæй-иу кусджытæ дзы бафыстой ахадгæ ивартæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сидзæр сывæллæттæн фатертæ дæттыны хъуыддаджы прокуратурæ ссардта аиппыттæ
Категория:
Новости и СМИ