Цæгат Ирыстоны фылдæр кæны хæдзарон цæрæгойтимæ цæуæн кæдæм ис, ахæм нымæц

Урс-урсид куыдз Евæ йæ уарзон бынатмæ фæндаг хорз зоны. Бородинскийы уынгыл къофицымæн у йæ хицауимæ тезгъойы рæстæг æнæмæнг кæм æрлæууынц, ахæм бынат. Æртæаздзыд цыппаркъахыг хæлары ам вæййы арæх, уымæ гæсгæ йæ иууылдæр зонынц. Йæ хицау æрбацæуы хæрздæф цыминагмæ. Евæ та адæмыл ацин кæнынмæ. Кусджытæй æмæ цæрджытæй æппындæр нæ тæрсы. Ам æппæт куыйты зæрдæтæ дæр балхæнынц адджинæгтæй. Кæд, кæй зæгъын æй хъæуы цавæрдæр диетæйыл нæй, уæд. Евæ æмæ йæ къæдзилджын хæлæрттæн ис ацы банатмæ цæуæн. Ардæм уадзынц куыд мæнæ ахæм пух æмæ чысыл къæбылаты, афтæ стыр куыйты дæр. Уарзынц хæрзхъæд къофийæ ацаходын дæр. Фæлæ æнæ хъацæнтæй. Къофицымæн æрбынат кодта горæты астæу. Ам æппæт кусджытæ дæр цин кæнынц цæрæгойтыл. Цыппаркъахыг хæлæрттæн ис æппæт уавæртæ дæр. Лæвар сын æрбахæссынц агуывзæйы дон. Сæрдыгон сын уый уæлдай æхсызгон вæййы куыйтæн. Йоркширский терьер кæй хонын, ахæм куыдз Василисæ дæр тынг уарзы ацы бынат. Цæуы йыл 9 азы, йæ зæрдæмæ цæуы. Изæрдалынгты чысыл хæлæрттимæ рæстæг арвитын у кафейы опцитæй иу. Уазæг суæвын йæ бон у алкæмæн дæр. Фæлæ æнæ цыппаркъахыг хæларæй чи æрбацæуа, уый дæр хорз арвитдзæн йæ рæстæг. У дзы тынг сыгъдæг, кусджытæ уавæрмæ цæст дарынц. Бынаты ма ис ирондзинады уддзæф дæр. Ам чызджытæн балæвар кæнынц Кавказы хæхты æмбырдгонд дидинджыты бæстытæ. Кофейня кусы ныр 6 азы бæрц. Æмæ сси фыццаг бынат, хæдзарон цæрæгойтимæ бацауæн кæдæм ис. Уæдæ ацы хъуыддагыл цин кæнынц туристтæ дæр. Хæрæндоны разамонæг йæхæдæг дæр тынг уарзы куыйты æмæ гæдыты. Ам сæ цыппаркъахыг хæлæрттимæ бирæ туристтæ вæййы. Кофейня ссарынц сæрмагонд сайтты руаджы. Уæвгæ, ахæм бынæттæ горæты тынг чысыл сты. Цорæты Георгий ма фæнд кæны кафетæ байгом кæнын респбликæйы районты дæр. Сæйрагдæр ахæм кофейняты у куыйтæм æмæ гæдытæм уарзондзинад.

Иконка канала IRYSTONTV
1 453 подписчика
12+
23 просмотра
2 года назад

, чтобы оставлять комментарии