Æнæ къуылымпытæй
Куыстуат «Севкавказэнерго»-йы Цæгат Ирыстойнаг филиал 2019-æм азы цалцæджы куыстытæн радих кæндзæн 180 милуан сомæй фылдæр. Куыстыты 90% организаци сараздзæн йæхи тыхтæй. Уый тыххæй фехъусын кодта куыстуаты пресс-службæ. Пъланмæ гæсгæ сцалцæг кæндзысты электрон тыхы линиты 248 километры æмæ 78 трансформаторон дæлстанцæйы. Куыстытæ арæзт цæудзысты æппæты ахсджиагдæр бæстыхæйтты. Уæлдай цæстдард «Севкавказэнерго»-йы кусджытæ здахдзысты электрон тыхы уæлдæфон линиты бæлæсты къалиутæй ссыгъдæг кæнынымæ Æдæппæтæй 47 гектары фæзуаты. Цалцæджы куыстытæ бæстонæй куы ахицæн уой, уæд фыдбылызтæ дæр къаддæр уыдзæн. Компанийы кусджыты ныхæстæм гæсгæ, уæд электрон тых пайдагæнджытæм азы алы афон дæр æнæ къуылымпыдзинæдтæй хæццæ кæндзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæ къуылымпытæй
Категория:
Новости и СМИ