Ипотекæ мадæлты капиталы фæрæзтæй он лайн хуызы бафидын уыдзæн ВТБ банчы клиенттæн
Ипотекæ мадæлты капиталы фæрæзтæй он-лайн хуызы бафидын. Ахæм ног гæнæнтæ фæзынд ВТБ-банчы клиенттæн. Ныр ахæм курдиат бадæттæн ис он-лайн хуызы, нал хъæуы банчы хайадмæ цæуын. ВТБ-йы интернет хызы ис хай «Паддзахадон лæггæдтæ», зæгъгæ. Уым хъæуы ныффыссын курдиат. Банчы кусджытæ йæ сæхæдæг арвитдзысты Пенсион фондмæ, цæмæй мадæлты капиталы фæрæзтæ бацæуой банчы хыгъдмæ ипотекæйы фиддоны хуызы. Афтæмæй, процедурæйы рæстæг фæкъаддæр уыдзæн дыууæ хатты. Сæрды кæронмæ алы лæггадæй дæр спайда кæнæн уыдзæн ВТБ-йы мобилон уæлæмхасæны. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ипотекæ мадæлты капиталы фæрæзтæй он лайн хуызы бафидын уыдзæн ВТБ банчы клиенттæн
Категория:
Новости и СМИ