Фарст дзуапп!
Битарты Вячеслав радон хатт фембæлд республикæйы цæрджытимæ. Ныр та бабæрæг кодта Алагиры район. Культурæйы бынæттон галуаны æрæмбырд сты Црау, Ход æмæ Рамоновыхъæуы цæрджытæ. Адæм цы фарстатимæ æрхатыдысты республикæйы сæргълæууæгмæ, уыдон уыдысты алыхуызон æмæ бирæвæрсыг. Райдай нуазыны доны хæрзхъæддзинадæй æмæ, куысты бынæттæ кæй нæ фаг кæны, уымæй фæуы. Нуазыны дон Алагиры бынтон сыгъдæг нæу. Уый тыххæй районы цæрджытæ иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдтой. Уыцы фарста радтой Битарты Вячеславмæ дæр. Адæмы фæнды зонын, дон кърантæй æдасæй нуазæн кæд уыдзæн, уый. Сыгъдæг донæй пайда кæнын фæнды Ходыхъæуы цæрджыты дæр. Дондзæуæн хæтæлтæ нызгæ сты æмæ арæх аскъуынынц. Хъæуы сæ баивын. Республикæйы сæргълæууæг зæрдæ бавæрдта хæстæгдæр рæстæг уыцы хъуыддагыл бакусынæй. Ныхас ныхасы фæдыл, æмæ хъæуты цæрджытæ рады слæууыдысты ахсджиаг фарсТ радтынмæ. Цæрджытæ разы не сты Алагиры экологон уавæрæй. Растдæр зæгъгæйæ та, уынгты быронæй ацæуæн кæй нæй, уымæй. Битарты Вячеславы хъуыдымæ гæсгæ, уынгты æмæ кæртыты сыгъдæгдзинадмæ фыццаджыдæр хъуамæ цæрджытæ сæхæдæг кæсой. Црауы та æрæджы байгом кодтой ног хид. Хъæуы цæрджытæ йæм рагæй æнхъæлмæ кастысты. Фæлæ сæ цин бирæ нæ ахаста - хид кæд æркæлдзæн, уый бæрæг нæй. Республикæйы сæргълæууæг уыцы фарста бабар кодта бæрнон кусджытæн. Уæлдай æргом Битарты Вячеслав аздæхта хъæууон хæдзарады кусджытæм. Æмбæлгæ уавæртæ алы фермерæн нæй. Рамоновы цæрæг Кокойты Хох - сæ иу. Фæнды йæ стурвосы куыст кæнын, фæлæ куыд зæгъы, афтæмæй йæ авналæнтæ къуындæг сты. Битарты Вячеслав уыцы хъуыддаг йæхимæ райста. Адæмæн ныфс бавæрдта баххуыс кæнынæй. Алагиры районы цæрджытæ ахсджиаг фарстатæй уæлдай, республикæйы сæргълæууæгæн арфæтæ дæр ракодтой. Æдæппæтæй республикæйы сæргълæууæг дзуапп радта 50 фарст æмæ курдиатæн. Ныр сæм кæсдзысты сæрмагондæй. Фембæлд ахаста 3 сахаты. Ахæм фембæлдтытæ дарддæр дæр арæзт цæудзысты. Брытъиаты Феликс _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Фарст дзуапп!
Категория:
Новости и СМИ