Жорж Дюмезилы мысгæйæ
Абон Дзæуджыхъæуы Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты уыд семинар. Снысан æй кодтой зындгонд фрацузаг ахуыргонд Жорж Дюмезилы райгуырды 120 азы бонмæ. Семинар арæзт æрцыд ирон филологи æмæ скифаг-алайнаг иртæстыты центры хъæппæрисæй. Фембæлд æрбангом кодта куыд ирон æвзаг æмæ литерæтурæ иртасджыты, афтæ историкты дæр. Семинары байхъуыстой докладтæм. Уæлдай цымыдисаг уыд Цыбырты Людвиджы доклад. Абайты Васойы архивимæ кусгæйæ, ссардта Жорж Дюмезилы фыстæджытæ Абайты Васомæ. Æдæппæтæй уыдысты 21 фыстæджы. Скодта сын анализ. Йæ хатдзæгтимæ базонгæ кодта семинары архайджыты. Докладтæ ма бакастысты ирон филологийы доценттæ æмæ хайæдты разамонджытæ. Уыдон дæр стыр аргъ скодтой Жорж Дюмезилы куыстæн. Æрдзырдтой Нарты Кадджытæ иртасыны хъуыддагмæ цы æвæрæн бахаста, уый тыххæй. Уазджыты хсæн уыд Кæсæг-Балхъары республикæйы минæвар Сæлбиты Тамир дæр. Йæ чиныг «Триптих»-ы фыста Абайты Васойы æмæ Жорж Дюмезилы фыццаг фембæлды тыххæй. Семинары архайджытæ Жорж Дюмезилы тыххæй бирæ ног цымыдисаг цаутæ базыдтой. Наукæмæ цы æвæрæн бахаста, уый абарæн дæр ницæимæ ис, нымад у æмбал кæмæн нæй, ахæм адæймагыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Жорж Дюмезилы мысгæйæ
Категория:
Новости и СМИ