2030-æм азмæ аварион хæдзæрттæй ногтæм раивдзысты 3,5 мин адæймаджы
Æртæ мин фондз сæдæ адæймагæй фылдæр раивдзысты аварион цæрæнуæттæй дыууæ мин æртынæм азмæ. Республикæ æнтыстджынæй кусы федералон программæмæ гæсгæ территориты рæзты Фонды архайдæй. Пъланимæ ныридӕгӕн сразы сты Уæрæсейы арæзтады министрады. Снысан кодтой лимиттæ дæр, хæстæ сæххæст кæныны тыххæй федералон бюджетмæ бафтаудзысты регионалон фæрæзтæ. Æппæты парахатдæр рæстæг райдайдзæн дыууæ мин дыууын æхсæзæм – дыууæ мин дыууын æвдæм азты. Пъланмӕ гӕсгӕ, уыцы рӕстӕгмӕ ног фатерты дӕгъӕлтӕ райсдзысты мин адӕймагӕй фылдӕр. Закъон амоны дыууӕ фæрæзы. Заууат цӕрӕнуаты хицӕуттӕн сараздзысты кӕнӕ балхӕндзысты ног хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ та бафиддзысты ӕхцайы компенсаци. Бæрц нымайынц хӕдбар экспертон бӕрӕггӕнӕны бындурыл.