Фæллойадон бригадтæ парахат кæнынц скъоладзауты`хсæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

2 просмотра

7 лет назад

Кировы районы 2-æм скъолайы дарддæр кусы фæллойадон бригад. Скъоладзадутæ цæмæй раздæрау се `ргом хъæууон хæдзарады куыстмæ здахой, уый фарс рахæцыд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав. Зæххы куыст кæнын, уыимæ ма сæхи фаг æхца дæр бакусын. Ахæм фадат ныртæккæ ис алкæмæн дæр. Иу мæйы бæрц скъоладзаутæ æвзардзысты сæ тыхтæ аграрон куысты. Ацы быдыры Елхоты скъоладзаутæ фæллой кæнынц 3 боны. 2-æм скъолайы 8,9 æмæ 10 кълæсты ахуырдзаутæ ам нырма рувынц, цы бæлæстæ дзы ззайдзæн тагъд, уыдоны талатæ. Сæрдыгон улæфæн бонты бадыны бæсты, кусынц дыргъдоны. Фæзынд сæм фадат сæ чыссæйы æвæрæнтæ фæхъæздыгдæр кæнын. «Хи хъаруйæ бакусдзæн æмæ ног ахуырадон азмæ мæхæдæг мæхи бацæттæ кæндзæн» афтæ хъуыды кæны Хъороты Ларисæ. Йемæ разы сты йе*мкусджытæ дæр. Зæххимæ кусын сæм æппындæр зын нæ кæсы. Пилотон проектмæ гæсгæ скъоладзаутæ архайынц хъæууон хæдзарады кооператив «Де Густо»-йы дыргъдæтты. Ам лæппутæ æмæ чызджытæ иу мæйы дæргъы рувдзысты, фæстæдæр та æмбырд кæндзысты фæткъуытæ. Цыппар сахаты куыстæн сын алы бон фиддзысты 4 сæдæ сомы. Уымæй уæлдай ма районы куыстдæттыны службæ алы скъоладзауæн бафиддзæн 2 мин æмæ 235 сомы. Афтæмæй иу мæймæ сæ мызды бæрц уыдзæн 9-æй 10 мин сомы онг. Хъæуккаг сывæллæттæн ахæм куыст сæ зæрдæмæ цæуы. Уымæн æмæ хæдзары дæр йыл хæст сты. Сывæллæттæ афтæ зæрдæргъæвдæй кæй бакусдзысты, ууыл дызæрдыг æппындæр ничи кодта. Акусынц, уæдæ уазал дон бануазыны рæстæг дæр сæм фæзыны. Бригады разамонджыты ныхæстæм гæсгæ афтæ се хсæн ахастдзинад дæр фидардæр кæны. Сæ кæрæдзи хуыздæр æмбарын райдайынц. Проекты сæйраг нысан- скъоладзаутæн аграрон куыст бауарзын кæнын. Уыдонæн æрмæст зонадон куыст фаг нæу. Афтæ хъуыды кæнынц мадзал аразджытæ. Зæгъынц: зæххимæ архайын, халсартæ садзын æмæ тыллæг æмбырд кæнын хъуамæ зона алчидæр. Быдыры кусынц 3 бон, фæлæ сæ куысты хатдзæгтæ ныридæгæн сты зæрдæмæдзæугæ æмæ раппæлинаг. Уыцы рæстæгмæ барувтой 60 рæнхъы. Сæ куыст сæ зæрдæмæ цæуы. Ахæм сывæллæттæ дæнцæгæн хæссинаг зæгъгæ кæй сты, уыимæ дæр сразы кæнын ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Фæллойадон бригадтæ парахат кæнынц скъоладзауты`хсæн

Категория:

Новости и СМИ