Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд. Уый тыххæй хъусын кæнынц Цæгат Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрадæй. Сæхгæдтой йæ, Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæртæ æвзæр кæй сты, уый аххосæй. Цæгат Ирыстоны хæххон районты дæр, зæгъынц министрады, боныхъæд йæ хуыздæртæй нæ уыдзæн, тæссаг дзы у зæйтæ рацæуынæй. Æвирхъау цаутæ æмæ фыдбылызтæ æрцæуынæн гæнæн кæй ис, уый тыххæй сæрмагондæй хъусын кæнынц. Уæлдай къæрцхъусдæр уæвын хъæуы фæндæгтыл. Хъусынгæнинагмæ гæсгæ, цы æвзæр боныхъæд ракæна, уымæй тæссаг уыдзæн, фæндаггæрæтты цы бæстыхæйттæ æмæ электрон тыхдæттæн хызæгтæ цæуынц, уыдонæн. Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæной 101, 112, кæнæ 01 сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн у æхгæд
Категория:
Новости и СМИ