Ахсджиаг фарстатæ
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты уыд нæ республикæйы уæлдæр ахуыргæнæндæтты ректорты æмбырд. Дзырдтой, регионы райрæзтæн ахадгæ чи уыдзæн, ахæм иртæстон мадзæлттыл. Уымæй уæлдай се `ргом аздæхтой ахуыргæнæндæттæ æмæ куыстуæтты æмархайдмæ. Ректорты хъуыдымæ гæсгæ, адæмæн куыст чи дæтты, уыдон хъуамæ ноджы хуыздæр зоной ахуырады фæтк. Цæмæй уый æнцондæрæй æфта къухы, уый тыххæй æвзæр нæ уаид куыстдæттджыты Совет саразын. Йæ минæвæрттæ кусдзысты алы факультеты дæр. Уæдæ студенттæ дæр нырыккон технологитыл æнцайгæйæ кæй ахуыр кæндзысты, уый дæр бирæйы аргъ у. Æмбырды архайджытæ ма ныхас кодтой, Цæгат Ирыстон национ проект «Наука» æххæст кæныны хъуыддаджы куыд архайдзæн, ууыл дæр. Фембæлды хатдзæгтæм гæсгæ, сæ фæндты тыххæй фехъусын кæндзысты республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславæн. Огъуаты Алан, ЦИПУ-йы ректор, РЦИ-Аланийы ректорты советы сæрдар: «Арф зонындзинæдтимæ студенттæ ахуыргæнæндоны къæсæрæй куы ахизынц, уæд уый пайда вæййы куыд экономикæйæн, афтæ университеттæн дæр. Цæмæй уый къухы `фта, уый тыххæй хъæуы æнгом æмгуыстад, амалхъомдзинадимæ æмархайд. Хъуамæ йæ алчидæр æмбара, экономикон къабæзтæ цавæр специалисттæй фылдæр цух сты, уый». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ