Тебиаты Давид рамбылдта грант æмæ парахат кæны æрмдæсныйад
Сæракы æрфыст æрмæст æрмгуыстад нæу. 8-æм æнусы астæу Араббаг бæстæты æрхъуыды кодтой сæракæй æрмæг зети æмæ ахорæнтæй сæрдын æмæ сæ афтæмæй пайда кæнын. Ахæм технологи рæзыд æмæ парахат кодта. Йæхи сусæгдзинæдтæ ис нæ дарддæры хъайтар Тебиаты Давиды куысты. Базонæн сæ ис дæсныйадæвдисæн ахуырты. Сæ иу бабæрæг кодта не сфæлдыстадон къорд. Дæсныйад æвдисæн ахуыры архайджытæ сæ фидæны дзаумайы хуыз, æрмæг æмæ аппликаци æвзарынц сæхæдæг. Æлхæнæджы зæрдæмæ цавæр дизайн фæцæудзæн, уый раиртасын æнцон нæу. Уымæй зындæр та сæракимæ архайын, зæгъынц дæсны специалисттæ. Нæ хатыр кæны чысыл рæдыд дæр. Уæвгæ, дæ фарсмæ фæлтæрдджын адæймаг куы уа, уæд техникæ бамбарын у зынгæ æнцондæр. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæ цæуынц къордгай. Фыццаджыдæр уал архайджытæн æмбарын кодтой теори, дарддæр сæ зонындзинæдтæ ныффидар кодтой практикæйы. Сæракæй дзауматæ кæнын сахуыр сты 50 адæймаджы. Уыдонæй бирæты дарддæр дæр фæнды ацы къабазы архайын. Фидæны та, гæнæн ис, æмæ хи æрмадз байгом кæнын. Дæсныйад æвдисæн ахуыртæ саразын уыд Тебиаты Давиды хъуыды. Йæхæдæг сæракимæ архайы ныр 7 азы ис æм йæхи æрмадз. Куыд радзырдта, афтæмæй ахуыртæ саразыны фæдыл курдиæттæ арæх иста. Йæ фæнд сæххæст кæнын ын баххуыс кодта Уæрæсейы фæсивæды агентады грант 370 мин сомæн. Йе 'мбалимæ иумæ ныффыстой ахуырадон программæ, самал кодтой хъæугæ ифтонггæрзтæ. Иу ныхасæй, хи хъуыддаг байгом кæнынæн алцыдæр ис. Йæ куысты райдиан ахæм зындзинадимæ сæмбæлд Тебиаты Давид дæр. Ныр æй фæнды ацы куысты фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыдонæн æххуыс кæнын, цæмæй рæдыдтытæ ма скæной. Дæсны фæнд кæны йæ куыст парахат кæнын. Рæттæ, чыссæтæ, хызынтæ, уый æрмæст райдианы. Фæнд ма кæны йæ кусджыты нымæц дæр фæфылдæр кæнын.