Гæтæгонты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Гецаты Жаннæйы уголовон хъуыддаг
Дзæуджыхъæуы тæрхондоны дарддæр кæсынц Цæгат Ирыстоны медицинон академийы раздæры ректор Гæтæгонты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Гецаты Жаннæйы уголовон хъуыддагмæ. Азымджын сæ кæнынц сæ куысты бартæй цы ’мбæлы, уымæй фылдæр кæй спайда кодтой, бюджеты æхцатæ хи пайдайæн кæй схардз кодтой æмæ ма амалхъомдзинады цæстфæлдахæн митæ кæй кодтой, уыцы хъуыддæгты. Абоны æмбырды хъуамæ æрфарстаиккой 4 æвдисæны. Фæлæ дзы иу дæр тæрхондонмæ не ’рбацыд. Прокурор æмæ фарсхæцæджы хъæппæрисæй æвдисæн Чингиз Гасан-задейы ныхæстæ тæрхонгæнæг бакаст. Уыдонмæ гæсгæ æвдисæн бирæ рæстæг куыста дæндæгтæ дзæбæхгæнæн клиникæйы сæйраг дохтырæй. Уыцы клиникæ уыд Медицинон академийы дæлбар. 2007 азы поликлиникæйы райдыдтой цалцæггæнæн куыстытæ. Уыимæ ма фæнд кодтой бæстыхай фæуæрæхдæр кæнын. Чингиз Гасан-задейы ныхæстæм гæсгæ, цалцæджы рæстæг рабæрæг сты сæрмагонд гæххæтытæ æмæ акттæ, поликлиникæйы сæйраг дохтыры къухæвæрд кæм нæ уыд. Уый нæ, фæлæ ма сæ уынгæ дæр никуы фæкодта. Иннæ æвдисæнтæм прокурор æмæ фарсхæцæджы хъæппæрисæй ногæй тæрхондонмæ фæдзурдзысты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гæтæгонты Тамарæ æмæ йæ хæдивæг Гецаты Жаннæйы уголовон хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ