Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æфсæддон центры исы ног студентты
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æфсæддон ахуыргæнæн центры райдыдтой ног ахуырдзауты æвзарын. Æрвылаз дзы фæнд кæнынц 90 студенты исын. Фыццаг фæлтæры æвзæрстыты бацархайдтой 36 адæймаджы дыууæ дæсныйадмæ гæсгæ - «Хайады командыгæнæг» æмæ «Хистæр æхсæг». Программæйы ис 12 дисциплинæйы. Ахуыр кæныны æмгъуыл та у 2 азы. Алы курсы фæстæ дæр студентæ фæархайынц ахуыргæнæн æмбырдты. Уым бакусынц сæ практикон зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтыл. Практикæйы хатдзæгтæм гæсгæ та сын радтынц æфсæддон билет. Документы руаджы сæ æфсадмæ службæ кæнынмæ нал ахонынц. Уæлдæр ахуыргæнæндоны куыд зæгъынц, афтæмæй æфсæддон центры иу бынатмæ дзы фæцæуынц 6 адæймаджы. Æфсæддон центр сарæзтой Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты разамынд æмæ нæ республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй. Уынаффæ та йын рахаста Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады коллеги. Цæгат Кавказы нæ республикæ у фыццаг, ахæм центр кæм фæзынд. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты æфсæддон центры исы ног студентты
Категория:
Новости и СМИ