Азар ма!
Европæйы ерысты райсом сбæрæг кæндзысты уæлахиздзауты. Уый фæстæ та - турниры кæронбæттæны - кадджын мадзал. Æмæ кæд иу егъау спортивон хабар кæронмæ фæхæццæ кæны, уæд иннæ та нырма ныр райдайы. Спортивон нæу - аивадон. Йæ амидингæнджытæ - нæхæдæг. Нæ телекомпани «Осетия-Ирыстон» сарæзта вокалон телепроект «Азар Ма». Æрхъуыды йæ кодтой - проект «ФÆНДЫрМÆ»-йыл чи архайдта, уыцы къорд. Ныр агурынц курдиатджын адæмы, зарынмæ сæрæн чи, ахæмты. Æркасты бацархайыны бар ис куыд фæлтæрдджын, афтæ хæдахуыр зарæггæнджытæн. Æрмæст иу домæн - 16 азæй дыл фылдæр хъуамæ цæуа. Æвзарæн къæпхæн ныридæгæн йæ тæмæны бацыд. Конкурсы бацархайын кæй фæнды, уыдон жюрийæн сæ арæхстдзинад æвдисынц. Зарын бирæ чи уарзы æмæ йæ тыхтæ бафæлварыныл чи сразы, уыдон сабыргай ам æмбырд кæнынц. Дзæуджыхъæуы фæсивæдон центры абон райдыдта нæ телекомпанийы ног телеконкурс «Азар Ма». Бацархайынма дзы сæ курдиаттæ балæвæрдтой сæдæ фæндзай адæймагæй фылдæр. Куырдиатджын фæсивæдмæ байхъусынмæ алцыдæр цæттæ. Уыдонæй чидæртæ сценæмæ абон фыццаг хатт рацыдысты. Уæдæ тыхсгæ дæр куыд нæ кодтой. Фæлæ уымæн бынат нæй - арæхстдзинад равдисы хъæуы. Жюрийы уæнгты ныхæстæм гæсгæ, архайæг хъуамæ æрмæст хорз ма зара. фæлæ ма йæм уа цыдæр хицæндзинад. Конкурсы бацархайын сæ бон у 16 азæй фылдæр кæуыл цæуы, æмæ æнæ зарæг цæрын чи нæ фæразы, ахæмтæн. Сæ курдиат сын чи бæрæг кæны, уыдон та архайджытæм лæмбынæг байхъусынц, уый фæстæ алкæмæндæр сæрмагондæй сæ хъуыдытæ раргом кæнынц. Конкурсæн абон у йæ фыццаг бон. Æвзарæн къæпхæн уыдзæн æртæ боны. Йæхи дзы æнтыстджынæй чи равдиса, уыдонæн сæ бон уыдзæн дарддæр архайын. Конкурсы уæлахисдзау чи суыдзæн, уый сбæрæг кæндзысты майы. Æппæты хуыздæр райсдзæн 100 мин сомы. Æмæ ма иу æхсызгон хъусынгæнинаг: конкурсы бацархайыны фæнд ма чи скодта, уыдонæн сæ бон курдиат курдиат бадæттын у райсолм æмæ иннæбон. Уый тыххæй хъæуы æрбацæуын Дзæуджыхъæуы фæсивæдон центрмæ. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Азар ма!
Категория:
Новости и СМИ