Дæргъæвс бахастой мæгуырдзинады ныхмæ тохкæныны программæмæ

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Дæргъæвсы комы цæрджыты бахастой «Мæгуырдзинады ныхмæ тохкæнын»-ы программæйы хыгъдмæ. Уый фæдыл дзы тагъд рæстæджы арæзт æрцæудæн сæрмагонд къамис. Уыцы къамисы кусджытæ сбæрæг кæндзысты, фæкæсинаг адæмæн цы хуызы баххуыс кæнæн ис, уый. Ныртæккæ сæм цавæр риссаг фарсатæ ис, уый базыдта нæ уацхæссæг Къутæрты Аидæ. Ныхасы бар ын дæттæм. Байаты Светланæ цæры Дæргъæвсы комы, Фæзыхъæуы. Цæры дзы 24 азы. Кусы директорæй Дæргъæвсы скъолайы. Йæ куысты фæдыл æй фæхъæуы Дзæуджыхъæумæ ацæуын. Фæндаг дард кæй у æмæ ма заууат уавæры кæй ис, хъæуы цæрджыты нымæц та гыццыл кæй у, уый тыххæй сæм æхсæнадон транспорт арæх нæ фæцæуы. Раздæр ацы цæрджытæм цыдис сæхи сæрмагонд транспорт. Фæлæ ныр дыууæ мæйы дæргъы автобус нал цæуы. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ цæрджыты æрмæст ацы фарста нæ тыхсын кæны. Дæргъæвсы комы цы хъæутæ ис, уыдон ныртæккæ сты æнæ газæй. Уыдон: Фæзыхъæу, Ламардон, Хъахъхъæдур æмæ Джимара. Дæргъæвсы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 2019 азы нæ республикæйы хицауад æххæст кæны мæгуырдзинады ныхмæ арæзт программæ. Фарон Раздзоджы цæрджытæн ацы программæйы фæлгæты радтой стурвос. Ныртæккæ та ацы проект фæлварынц Дæргъæвсы дæр. Дæргъæвсы комы ныртæккæ цæры 319 адæймаджы. Сæ алкæмæдæр ис цавæрдæр риссаг фарстатæ. Бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг нын куыд радзырдта, афтæмæй адæмæн сæ фылдæр дарынц фос æмæ се ’фтиæгты руаджы цæрынхъом сты. Хæхон уавæрты сын æндæр фадат уæвгæ дæр нæй. Уымæй размæ ма не ’сфæлдыстадон къорд дзырдта Дæргъæвсы коммæ цы фæндаг цæуы, уый тыххæй дæр. Ныртæккæ адæм ацы коммæ бахауынц Хъæрмæдон кæнæ та Фиагдоны уылты. Фæндыгыл бахардз кæнынц бирæ рæстæг. Уый фæдыл адæм тыхсынц. Фæнды сæ, цæмæй раздæр цы фæндагыл цыдысты, ууылты цæуой. Фæлæ фæндаг ныртæккæ у бæстонæй цалцæггæнинаг. Цæмæй йæ скæной, уый тыххæй та хъæуынц æхцайы фæрæзтæ. Ныры онг уыцы фарста лыггонд нæма рцыд. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дæргъæвс бахастой мæгуырдзинады ныхмæ тохкæныны программæмæ

Категория:

Новости и СМИ