Цæстдарæн басгæрстытæ
Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ сæ цæст æрдардтой, фæндæгтæ митæй цы компанитæ фæсыгъдæг кæнынц, уыдоны куыстмæ. Адæмы æдасдзинадæн æххуыс уыдзæн. «Снежный фронт», зæгъгæ, хъæппæрисы архайджытæ ахæм хæстæ сæхимæ райсынц æрвылаз. Акци райдыдта декабры æмæ цæудзæн 1-æм мартъимæ. Ацы хатт Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ хъæугæ рæстæг радих кодтой Дзæуджыхъæуы уынгтæн. Не сфæлдыстадон къорд дæр басгæрстмæ абалц кодта æмæ сын дæттæм ныхасы бар. Дыууæ боны мит тъыфылæй уары, фæлæ уынгты сыгъдæгдзинадмæ йæ хъус ничи дары. Фæндæгтæ сты тынг бырынцъаг, адæмæн тæссаг у ахауынæй, уымæ гæсгæ сæм хъæуы базилын. Кæд сын боныгон рæстæг нæй, уæд æй хъуамæ æхсæв дæр сыгъдæг кæной. Иу ныхасæй нæ администрацийы куыстæй разы нæ дæн. Мит нал уары, фæлæ уæддæр горæты уынгтæ нæма ссыгъдæг кодтой. Къахвæндæгтæ æмæ лæууæн бынæттæм миты обæуттæй бахизæн кæй нæй, уый аххосæй Дзæуджыхъæуы цæрджытæ хъæстмæ бацыдысты æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм. Цы зæгъой, уый та сын ис. Адæм æхсæнадон транспортмæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, миты рагъыл баззайынц. Уый дæр сабыргай тайы, ранæй-рæтты цъыфхæццæ малтæй азмæлæн нæй. Уыцы хъуыддаг адæмæн сæ зæрдæмæ нæ цæуы æмæ хъæстмæ дæр уымæн æрцыдысты. Уæвгæ канд къахвæндæгтæ æмæ æрлæууæн бынæттыл нæ цæуы ныхас. Горæты ма ис ахæм уынгтæ, адæмы æдасдзинад дыууæйыл кæм у. Кæд хи хæдзæртты раз мит сæхæдæг ныххафынц, уæд къахвæндæгтæ æмæ лæууæн бынæттæм та хъуамæ сæ цæст дарой сæрмагонд службæтæ. Фæлæ «СпецЭкоСервисы» кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй фæндæгтæ зилынæн хæдтулгæтæ нæ фаг кæны. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй фæндæгтæ сыгъдæг кæныныл хъуамæ хардз кæной 3-йæ 6-æз сахаты онг, къахвæндæгтæ та - мит куыд уара, афтæ. Суткæ йын куы бахъæуа, уæддæр. Се `ппæт, бæргæ, уыцы домæнтæ куы `ххæст кæниккой, уæд цы хъæуы. Кæд нæ, уæд та адæмæн сæ бон бынæттон администрацийæ дзуапп бадомын. Æппæтуæрæсеон адæмон фронты уæнгтæм хъаст кæныны бар дæр сæ къухы ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæстдарæн басгæрстытæ
Категория:
Новости и СМИ