Арвыкомы фæндаг кусы фæткмæ гæсгæ
Ацæуыны бар дзы ис куыд рог хæдтулгæтæн, афтæ уæзласæнтæн дæр. Гуырдзыстоны`рдыгæй ацæунтæ митæй ссыгъдæг кодтой. Ныртæккæ дзы бæлцæттæн ацæуынæй тассаг нæу. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Арвыкомы фæндаг фæстаг бонты къуылымпытимæ кæй куыста. Уымæн аххосаг – Гуырдзыстоны `рдыгæй боныхъæды уавæр кæй февзæрдæр, уый. Æнæнхъæлæджы цауты министрадæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй хæстæгдæр суткæйы рæстæг хæххон районты кæндзæн тыхджын дымгæ. Уыимæ ма, тæссаг уыдзæн зæйтæ рцæуынæй. Уый хынцгæйæ, профилон министрады кусджытæ сидынц адæммæ, цæмæй уой къæрцхъусдæр. Балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. Бахъуаджы рæстæг та ирвæзынгæнджытæм хабар кæнын хъæуы «101», кæнæ «01» сæрмагонд номыртæм. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Арвыкомы фæндаг кусы фæткмæ гæсгæ
Категория:
Новости и СМИ