Хъарм уал уыдзæн
Цæгат Ирыстоны кæронмæ фæхæццæ кæны хъармгæнæн афон. Нæ горæты администрацийы радзырдтой, кæд райдайынц хъармдæттæнтæ сæрдыгон фæткмæ гæсгæ кусын. Æгъдаумæ гæсгæ хъармгæнæн афон ахицæн вæййы, 8 градусæй фылдæр 5 боны дæргъы куы фæлæууы уæлдæфы температурæ, уæд. Нырма уал температурон бæрæггæнæнтæ уыцы нымæцæй бындæр сты. Дзæуджыхъæуккаг цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады æмæ энергетикæйы комитеты сæрдар Дидараты Æхсарбеджы ныхæстæм гæсгæ, ацы аз хъармгæнæн афон цæуы æнæ къуылымпыйæ. Горæты æппæт 115 хъармдæттæны æнæхъæн зымæг дæр куыстой æнæ къуыхцытæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Хъарм уал уыдзæн
Категория:
Новости и СМИ