Хатдзæгтæ скодтой
Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы уæнгтæ ивгъуыд азæн скодтой хатдзæгтæ. Абон арæзт æрцыд фысджыты цæдисы аудæг советы фыццаг фембæлд. Æрбацæуджытæн арфæйы ныхæстæ ракодта Цæгат Ирыстоны фысджыты цæдисы æмсæрдар, республикæйы адæмон фыссæг Агънаты Гæстæн. Куыд загъта, афтæмæй 2018-æм аз фысджыты цæдисæн рауад бæркадджын æмæ фæлтæрдджын. Æмбырды ма сбæрæг кодтой 2019-азмæ пълæнттæ æмæ сæйрагдæр нысæнттæ. Фидæны фæнд кæнынц сыхаг республикæтимæ æмгуыст кæнын. Уымæй уæлдай ма лæмбынæгдæр æркæсдзысты республикæйы æрыгон фысджытæм. Æххуыс сын кæндзысты сæ уацмыстæ мыхуыр кæнынæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хатдзæгтæ скодтой
Категория:
Новости и СМИ