Разы нæ дæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Челдыты Виталийы «Патриоты России» партийæ систой. Уый тыххæй абон йæхæдæг фехъусын кодта журналисттимæ фембæлды. 2005 азæй фæстæмæ Челдыты Виталий уыд партийы регионалон хайады разамонæг. Уырдыгæй йæ сисыны уынаффæ рахастой партийы æмбырды Мæскуыйы. Челдыты Виталийы ныхæстæм гæсгæ, уыцы уынаффæ у æнæзакъон. Партийы официалон сайты дæр уыцы хабары тыххæй хъусынгæнинаг нæй. Контролон-ревизион къамисы уæнг кæй у, уымæ гæсгæ йæ, йæ бынатæй сисыны бар ис æрмæстдæр уыцы къамисæн. Кæронбæттæн уынаффæ та хъуамæ рахæссой партийы æмбырды. Ацы уынаффæимæ Челдыты Виталий йæхæдæг разы нæу. Уыцы фарстайы фæдыл бахъаст кодта тæрхондонмæ. Æмбырд уыдзæн 13 февралы. Тæрхондон цы уынаффæ рахæсса, уымæ гæсгæ та равзардзысты партийы регионалон хайады ног сæргълæууæджы. Челдыты Виталий куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ацы хабар йæ депутаты мандатимæ баст нæу. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Разы нæ дæн

Категория:

Новости и СМИ