Æвзонг спортсментæ
Шанаты Елизаветæ йе спортивон къай Дэвид Нарижныйимæ сси къахдзоныгътыл аив бырынæй дунеон чемпионаты уæлахиздзау. Ерыстæ цыдысты Венгрийы сæйраг горæт Будапешты, саразынц сæ æрвылаз дæр декабры. Спорстментæ сæ арæхстдзинад æвдыстой аив кафынæй. Раздæр уæрæсейæгтæ ахстой дыккаг бынат, фæлæ фæстæдæр фæразæй сты. Елизаветæ æмæ Дэвид уыдысты æвзонгдæр спортсменты 20 къайы `хсæн. Не `мзæххон чызгыл 14 азы йеддæмæ нæма цæуы, аив бырынæй спортмæ та йæ `рбакодтой, 2 æмæ `рдæг азы йыл куы цыдис, уæд. Ирон спортсменкæ ис, Олимпаг хъæзтыты архайынмæ кæй цæттæ кæнынц, уыдоны `хсæн. Йæ тренертæ сты Ирина Жук, Александр Свинин æмæ Иван Волобуев. Шанаты чызг ма у Мæскуыйы иугонд командæйы къорды уæнг. Уымæй уæлдай ис Уæрæсейы Федерацийы иугонд командæйы ныхстуаты къорды. Венгрийы ерыстæ йын фæндаг байгом кодтой ноджы бæрзонддæр къæпхæнмæ схизынæн æмæ ма йæ ныр чи бауромдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æвзонг спортсментæ
Категория:
Новости и СМИ