Тотраты Владислав фембæлд Бæрæгъуыны цæрджытимæ
Æрыдоны районы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Тотраты Владислав фембæлд Бæрæгъуыны цæрджытимæ. Адæм æрбамбырд сты бынæттон культурæйы хæдзары. Сæ фылдæр уыдысты фæсивæд. Районы сæргълæууæгимæ цæрджыты фæрстытæм байхъусынмæ æрбацыдысты бæрнон кусджытæ дæр. Риссагдæр хъуыддæгты 'хсæн уыдысты фæндаггон фæткы домæнтæ чи нæ æххæст кæны уыдоны ныхмæ ивартæ, стæй ахуыргæнджыты гыццыл мызд. Уыимæ ма, ныхас цыд хистæр кълæсты ахуырдзаутæн иумæйаг паддзахадон фæлварæныл. Районы сæргълæууæг йæ ныстуанимæ скъоладзаутæм фæсидтис, цæмæй сæ фидæны дæсныйад раст равзарыныл бацархайой. Уымæн та, цы фæлварæнтæ дæтдзысты, уыдон хъуамæ ныр сбæрæг кæной. Æппæт фæрстытæн дæр бæрнон кусджытæ дзуапп радтой. Хистæркъласонтæн фæрæзтæ бакусыны фадат саразынæн зæрдæ бавæрдтой. Уыимæ ма, культурæйы бынæттон хæдзар æмæ скъола дæр бындуронæй цалцæггæнинаг сты. Тотраты Вдадислав куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй хаст сты федералон программæмæ. Фæлæ, фæрæзтæ бæлвырдæй кæд дихгонд æрцæудзысты, уы бæрæг нæма у. Ныридæгæн ахæм фембæлдтæ уыдысты Къостайыхъæу æмæ Кировы. Ацы афæдзы кæронмæ районы иннæ хъæуты цæрджытимæ дæр уыдзысты ахæм фембæлдтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Тотраты Владислав фембæлд Бæрæгъуыны цæрджытимæ
Категория:
Новости и СМИ