Беслæны теракты зындон йæхиуыл чи банкъардта, уыдонæй иу уыд Дзампаты Зæринæ
Зонындзинæдты бæрæгбонмæ сæхи цæттæ кодтой фарныхъæуккаг Дзампаты бинонтæ дæр. Сæ чындз Таисия Беслæны 1-æм скъолайы куыста ирон æвзаджы ахуыргæнæгæй, æмæ сæ кæстæртæ дæр уым ахуыр кодтой. Зæринæ æмæ Маринæ уыцы аз бацыдысты 3-аг æмæ 4-æм къласмæ. Никæуыл бацауæрста Беслæны цауты рæстæг. Фыдгæнæджы нæмыгæй кæй уд аскъуыд, уыцы 334-æй иу уыд Дзампаты Таисия дæр. Ахуыргæнæг цæфтимӕ дæр сабиты ирвæзын кодта, фæлæ йæхи бахъахъхъæнын йæ бон нæ баци. Йæ цард радта сывæллæтты ирвæзынгæнгæйæ. Теракт арф фæд ныууагъта, чи фервæзт æмæ скъолайы къæсæрæй афтæ дæр чи нал рахызт, уыдоны бинонты зæрдæты се`ппæты дæр. Уыцы æвирхъау цауты æвдисæнтæй иу – Дзампаты Зæринæ. Ныртæккæ цæры Петербургы. Æвзонг чызгимæ аныхас кодта нæ уацхæссæг Дзæдзойты Фатимæ.