Æндæр ран хъæлæс кæнынæн бар
Нæ фидæн кæмæй аразгæ уыдзæн, уый равзарын алкæмæн дæр йæ хæс у. Президенты æвзæрстытæм нымадæй 2 мæйæ къæддæр баззад. Фæлæ арæх афтæ рауайы, æмæ бирæтæ уыцы бон, кæм цæрынц, уыцы ранæй дард вæйынц. Чи сæ улæфынмæ ацæуы, чи та куысты фæдыл æндæр горæты балæууы. Адæймаджы æнцондзинадæн ацы хъуыддагæн дæр мадзал ссардтой. Цавæр, уый радзурдзæн нæ уацхæссæг Гогаты Марат. Абонæй фæстæмæ, кæй хъæуа, уыдонæн фадат ис æндæр ран схъæлæс кæнынæн бардæттæг æвдисæндар райсынæн. Æрмæст æй хъæуы нæ республикæйы бирæвæрсыг центртæй иумæ курдиат бахæссын. Цæгат Ирыстоны бирæвæрсыг центрæн 13 филиалы ис. Æвзæрстытæм æвдисæндар райсын кæй хъæуы, уыдонæн байгом кодтой хицæн рудзгуытæ. Куыд зæгъынц, афтæмæй уал сæм бирæ адæм нæ цæуы. Фæлæ иу къуырийы фæстæ курдиæттæ дзæвгар фылдæр уыдзысты. Уæвгæ, æвдисæндар райсынæн бирæ нæ хъæуы - центрмæ паспортимæ æрбацæуын, консультантæн дæ фæнд бамбарын кæнын æмæ дарддæр хъуыддаг æнцонтæй ацæуы. Æвзарæг хъæугæ гæххæтыттæ бафыссы, снысан дзы кæны йæ ном, йæ мыгкаг, кæм уыдзæн æвзæрстыты бон æмæ цæуылнæ йæхт бынаты. Уый фæстæ йын раттынй уыцы гæххæттæн йæ къопи мæнæ ахæм маркæимæ. Æвзæрстыт бон куы рбацæуы, уæд ай руаджы хъæлæс кæныны бар ын уыдзæн. Æндæр ран схъæлæс кæныны тыххæй курдиат ныфыссæн ис территориалон æвзарæн къамисы дæр. Сæ иу абон байгом Октябрыхъæуы. Хæбæлаты Владислав цæры Алагиры, кусгæ та кæны Октябырыхъæуы. 18 мартъийы, æвзæрстыты бон ын гæнæн нæ уыдзæн, кæм цæры, уырдæм схъæлæс кæнынмæ ацæуын. Цæрджыты æнцондзинадæн ма курдиæттæ бадæттæн ис интернетæй дæр. Æппæт хи бæрæггæнæнтæ ныфыссын хъæуы паддзахадон лæггæдты сайты. Уæд сæ центрмæ æмæ къамисмæ цæуын дæр нал бахъæудзæн. Сайты йын снысан кæндзысты сæрмагонд код. Æвзæрстыты бон кæм уа, уыцы участочы йын электрон код зæгъгæйæ бар уыдзæн схъæлæс кæнын. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ æндæр ран хъæлæс кæнынæн бардæттæг æвдисæндар райсæн ис 13 мартъимæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æндæр ран хъæлæс кæнынæн бар
Категория:
Новости и СМИ