Дзанайты Барис амыдта хицауады радон аппаратон æмбырд
Арвыкомы фæндаг æхгæд у уæзласæн хæдтулгæтæн боныхъæды аххосæй. Сæмбырд дзы 1 мин 100 хæдтулгæйæ фылдæр. Шофыртæн æппæт хъæугæ æххуыс дæр ис. Уый тыххæй фехъусын кодтой хицауады радон аппаратон æмбырды. Амыдта йæ премьер-министр Дзанайты Барис. Ныхас ма цыд эпидемиологон уавæрыл дæр. Ивгъуыд къуыриимæ абаргæйæ, ныртæккæ нымæц фæфылдæр. Стационарон уавæрты æххуыс исынц 50 сывæллоны æмæ 5 хистæры. Уæрæсейы фæлхасгæнджытæм цæстдарды управленийы кусджытæ сидынц адæммæ, цæмæй медицинон æмæ социалон уагдæтты маскæтæ дарой. Cтæй 20% -æй фылдæрæй рынчынтæ куы уой, уæд ахуырадон процесс бауромын. Æмбырды ма дзырдтой газ уадзыны программæйы тыххæй дæр. Уымæ гæсгæ ацы аз 700 хæдзарæй фылдæрмæ бауаддзысты газ. Æрыдоны æргъай кæсаджы завод республикæйы исбонмæ нæ ратдзысты. Ныртæккæ хауы куыстуат "Главрыбвод"-мæ. Уым цæттæ кæнынц лæппынгæсæгтæ. Завод фæнд кæнынц рацаразын.