Сергей Меняйло фембæлд Сергей Бурлаковимæ
Сергей Меняйло фембæлд Паддзахадон Думæйы депутат, бæстæйы физкультурæ æмæ спорты комитеты сæрдары хæдивæг Сергей Бурлаковимæ. Æмбырды ныхас цыд регионы фæсивæдон политикæйы ахсджиаг фарстатыл. Æрыгон адæмы райрæзтæн социалон гæнæнтыл, амалхъомады сæ фарсмæ балæууыныл. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны архайынц алыхуызон проектты райрæзтыл, сæ сæйраг нысан - фæсивæды республикæйы æмæ æмткæй бæстæйы царды архайынмæ сразæнгард кæнын. Регионы разамынд цæттæ у æрыгон адæмæн социалон хъæппæристы райрæзты баххуыс кæнын. Республикæйы уæлдай æргом здахынц кæстæрты патриотон хъомыладмæ. Сергей Бурлаков Сергей Меняйлойæн загъта бузныг, Фыдыбæстæйæн ахсджиаг рæстæг фæсивæдимæ бæстон архайды тыххæй.