1 æм октябры сæ тыхы бацæудзысты цалдæр ахсджиаг закъонæвæрды
1-æм фæстæмæ сæ тыхы бацæудзысты цалдæр ахсджиаг закъонæвæрды. Сахаддзысты цардыуаджы æппæт къабæзтыл дæр. Уый дын куысты мызд фылдæр кæнын æмæ уæлæмхасæн аргъы хъалоны ног домæнтæ. Уыдонæй уæлдай ма æндæр ногдзинæдтæ дæр кусын райдадзысты 1-октябрæй. 4 æнæхъæны æмæ 3 дæсæм хайы проценты хъуамæ фæфылдæр уа бюджетон къабазы кусджыты мызд. Уыдонмæ хауынц сывæллæтты рæвдауæндæтты хъомылгæнджытæ, юристтæ, бухгалтертæ, социалон психологтæ, уыимæ ма æфсæддонтæ, мидхъуыддæгты æмæ национ гвардийы кусджытæ. Æнæмæнг æхсызгон хъуыддаг. Уый хауы канд социалон æмæ наукон къабазы кусджытæм нæ, фæлæ ма æндæр дæсныйæдты специалисттæм дæр. Мызды бæрц фæфылдæр кæндзысты Æнæнхъæлæджы уавæрты Министрады уæнгтæн, ветеринарон службæтæ æмæ хъæды кусджытæн. Уыдонæн фæфылдæр уыдзæн - 3 æнæхъæны æмæ 8 дæсæм хайы проценты. Æххæстæй сæ бæрц цас уыдзæн, уый сфидар кæндзысты регионты разамонджытæ. Фылдæр аргъ кæндзысты Фæсарæйнаг хъуыддæгты фæдыл, федералон æмæ паддзахадон кусджытæн дæр. 1-æм октябры йæ тыхы бацæудзæн Уæрæсейы Хицауады бардзырд. Уымæ гæсгæ бар нæй бирæуæладзыгон фатерты балкъонты арт судзын. Ома, бынтон зынг нæ, фæлæ зæгъæм, спичкæ кæнæ та зынгхос судзын. Иуæй, ацы ног домæнæн йæ уæз нæ зыны, фæлæ афтæмæй та балкъонты тамако дымыны бар дæр нал уыдзæн. Афтæ зæгъынц Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады. Ацы нысангонд ивддзинад хауы æмдзæрæнтæм æмæ фысымуæтты агъуыстытæм. Домæн чи не ’ххæст кæна, уый ивар кæндзысты 3 мин сомы онг. Кæд æмæ зынгсирвæнзт æрцæуа, уæд та - 5 мин сомы онг. Уæззау фæстиуджытæ йын куы уа, уæд та æфхæрдзысты уголовон æгъдауæй. Уæлæмхасæн аргъы хъалон фæбæрзонддæр кæндзысты пальмæйæ конд сойæн. 10-æй - 20% онг. Уимæ ма дыргътæ æмæ гагадыргъты зайыны куыстæн дæр - уый хъалон та 10% бæрц фæкъаддæр уыдзæн. Ахæм ивдзинæдтæ æвзæры ’рдæм фæбæрæг уыдзысты хойрæгты аргътыл. Кредиттæ исыны хъуыддаджы дæр ивддзинад. Кредит раттыны размæ банктæ бæстон нымайдзысты æмæ бæрæг кæндзысты адæймагæн йæ хæсты æппæты фылдæр уæз. Ома, бæлвырд кæндзысты йæ æрвылмæйон фидтонты нымæц кредитмæ гæсгæ æмæ сæ бардзысты адæймаджы ’фтиæгты бæрцимæ. Ахæм ивддзинæдтæ фæбæрæг уыдзысты, кредитты фиддонтæм гæсгæ бирæ хæстæ кæмæн ис, ахæм адæймæгтыл. Уыдонæн стæм хæтт дæтдзысты кредит. Куы дæттой, уæд та бæрзонддæр проценттимæ. Ног мæй кусын райдайдзысты 9 кассацион, 5 апелляцион æмæ 2 æфсæддон тæрхондоны. Уыимæ ма, иугонд бартæ кæмæ ис, уыдон райдайдзысты иумæйаг кассацийы фæлæгты кусын. Ома, тæрхондоны курдиæттæм иумæ кæсдзысты, æнæ рагагъоммæйы æвзæрстытæй. Алы апелляцион тæрхондонмæ дæр бахæсдзысты 14 кæнæ 21 субъекты. Касацион тæрхондоны бæрны та уыдзысты - 7 кæнæ 13 субъекты. Афтæмæй апелляци æмæ кассацийы хъуыддæгтæ æвзардзысты алыхуызон тæрхондæттæ. Уый, дам, хорзы ’рдæм фæбæрæг уыдзæн тæрхонгæнджыты хæдбарыл. 1 октябыры онг банктæн бахæс кодтой райдайын кусын Тагъд фиддонты системæйы. Уый руаджы æхцайы фæрæзтæ æрвитæн ис телефоны номыртæм гæсгæ, куыд паддзахадон, афтæ юридикон куыстуæттæм дæр. Афтæмæй банктæ цы комисси сисынц, уый бæрц хъуамæ иу проценты 4-æм хай йеддæмæ ма уа. Уый медицинон, ахуырадон æмæ цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады тыххæй фиддонтæй. Ивартæ, паддзахадон пошлинæтæ æмæ æндæр фиддонтæ паддзахадæн уæлæмхасæн хъалон нæ исынц. Ацы ногдзинад та бирæты зæрдæмæ нæ фæцæудзæн. Уæлдайдæр йæ хæдзарæй фысымуат чи сарæзта, уыдонæн. Ныр цæрæн хæдзартты цы хостелтæ æмæ фысымуæттæ байгом кодтой, уыдон фæстæмæ сæхгæндзысты. Ахæм бæстыхæйттæ закъоны бындурыл раст уыдзысты æрмæстдæр æнæцæрæн фондмæ хаст куы æрцæуой, уæд. Æмæ ма иу хъуыддаг - 14-æм октябрмæ нымæцон телеуынынадмæ хъуамæ иууылдæр рахизой. Сифтонг æй кæндзысты Уæрæсейы 21 регионы, уыимæ ма Санкт-Петербургы, Ленинграды æмæ Калужски облæсты. Куыд раздæр, афтæ кусдзысты сæрмагонд мультиплексы хыгъдмæ кæй нæ бахастой, уыцы регионалон телеканалтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
1 æм октябры сæ тыхы бацæудзысты цалдæр ахсджиаг закъонæвæрды
Категория:
Новости и СМИ