Транскамыл æххæст кæны 35 азы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

«Царды фæндаг» - афтæ йæ хонынц Ирыстоны цæрджытæ. Транскам у, Хуссар Ирыстон Уæрæсейимæ чи иу кæны, уыцы иунæг фæндаг. Йæ саразыны хъуыды сæвзæрд 19-æм æнусы. Йе схемæйыл ын куыстой бирæ рæстæг. Фыццаг арæзтадон куыстытæ дзы райдыдтой 1975-æм азы, сентябры. Куыд фæстæмæ, афтæ сырæзт, аразджытæ кæмæ бæллыдысты, уыцы хъуыддаг. Уæлдай тынгдæр та йæм æнхъæлмæ кастысты дыууæ Ирыстоны адæм. Уый размæ сæ дих кодта æфцæг. Транскам цæуы 44 хъыуы уылты. Фæндаджы 10 километры та цæуы тъунелты. Транскам федералон фæндаг сси 2002-æм азы. Æрмæст фæстаг цалдæр азы магистралы сарæзтой зæйсайæнты цалдæр километры. Фидæны ма сыл бафтдзæн. Проектмæ гæсгæ бæстон цалцæггонд æрцæудзæн Захъайы сæйсайæнты рæгъ, комы рахиз фарсы рдыгæй кæй сарæзтой, уый. Разæй ма бирæ хæстæ æмæ нысæнттæ. Ацы фæндагыл ма æнæмæнгæй хъæуы саразын сæрмагонд кусæнгæрзтæ, цæмæй дзы æнæкъуылымпыйæ цæуой ламидæттæ. Уыимæ дзы нысан кæнынц ног тъунелтæ æмæ бырутæ. Транскамы уылты ма цæуы Дзуарыхъæу-Цхинвал газуадзæн хæтæл дæр. Сæйрагдæр та уый у, æмæ фæндаг дыууæ Ирыстоны иу кæй кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Транскамыл æххæст кæны 35 азы

Категория:

Новости и СМИ