Дунейы сабырдзинады тыххæй
«Дунейы сабырдзинады тыххæй », зæгъгæ, лозунгимæ Цæгат Ирыстоны цæуы æппæтадæмон хæдтулгæтыл дугъ. Мадзал снысан кодтой Беслæны теракты аммæтæгты ном æрымысынмæ. Республикæмæ архайджытæ ссыдысты æрмæст нæ бæстæйы регионæй, нæ фæлæ ма фæсарæнтæй дæр. Уазджытæ фыццаджыдæр бабæрæг кодтой Зæдты сакъадах. Уый фæстæ та сæ фæндаг ракодтой «Барбашовы фæзыл». Хæдтулгæты дугъы архайджытæ ацыдысты 15 мин километры. Æппæтадæмон патриотон акци цæуы фыццаг хатт. Сарæзтой йæ республикæйы разамынд æмæ автомобилон спорты Федераци. Йæ разамонæг Дзеранты Шота, афтæмæй. Фидæны фæнд кæнынц сæ гæнæнтæ фæурæхдæр кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дунейы сабырдзинады тыххæй
Категория:
Новости и СМИ