Хъоло | Кæрдæг
«Конский щавель», иронау та «хъоло», афтæ хуыйны иуыл цымыдисагдæр зайæгой. Хъоло цыфæнды ран дæр ссарæн ис: хохы дæр, æмæ быдыры дæр. Бæхтимæ йæ дзæгъæлы не сбастой - фылдæр хизæнты ауадзы йæ уидæгтæ. Быдыры астæу ацы кæрдæгыл куы фембæлай, уæд-иу йæ рæзты макуы рахиз, 5-6 сыфы иу дзы уæддæр ратон дæхицæн. Æмбырд кæнын æй хъæуы уалдзæджы, фæлæ дзы хæринаг аразын æнцон нæу. Армайнæгтæ йæ тынг уарзынц, аразынц дзы Авелук. Сыф йæхæдæг у маст, фæлæ йæ раст куы саразай, уæд хæрзад рауайы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хъоло | Кæрдæг
Категория:
Новости и СМИ