Абон у ядерон хæцæнгарзимæ тох кæныны бон

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

7 лет назад

Æмæ ма рекламæйы размæ - мысинаг историон цауы тыххæй. 74 азы размæ япойнаг горæт Хиросимæйыл Америкæйы Иугонд Штаттæ æрæппæрстой атомон бомбæ. Уымæ гæсгæ, 6-æм август историйы баззад, куыд ядерон хæцæнгарзы ныхмæ тохы бон. Мысæн мадзæлттæ ацы бон фæцæуынц дунейы алы кæрæтты. Америкаг хæстонтæ рæмудзæн æрмæг æрæппарыны размæ раиртæстой боны ахасты уавæртæ. Уыйфæстæ фæд-фæдыл сæхи уæлдæфмæ систой æндæр хæдтæхджытæ дæр. Иу дзы хъуамæ атомон гуыппгæнæн æрæппæрстаид горæтыл, иннæтæ та йын йæ фæстиуджыты хуызистытæ хъуамæ систаиккой. Японийы гæрзифтонг тыхтæ сæ афоныл бафиппайдтой, фæлæ сæ тыхтæ фаг кæй нæ уыдысты, уый аххосæй сын сæ бон ницы бацис. Бомбæ Хиросимæйыл хæдтæхæг æрæппæрста 10 мин метры бæрзæндæй. Зæхмæ ма йын 600 метры куы баззад, уæд срæмыгъта æмæ ракодта æбуалгъ фыдбылызтæ. Фæмард дзы 200 мин адæймаджы, цæфтæ фесты æмæ радиоактивон тынтæй хъыгдард баййæфтой 160 мины. Цыппар сахаты æгас горæт уыдис пиллоны уацары. 90 мин бæстыхайæ цъыбыртты сыгъд баисты 62 мины. Уый америкаг гæрзифтонг тыхтæм фаг нæ фæкаст, æмæ 9-æм августы дыккаг япойнаг горæт Нагасакийыл æрæппæрстой дыккаг атомон бомбæ. Фыдракæнды амæттæгты нымæц уым дæр уыдис дæсгай минтæй баргæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Абон у ядерон хæцæнгарзимæ тох кæныны бон

Категория:

Новости и СМИ