Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны уыд патриотон зарæггæнджыты конкурс
Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны уыд патриотон зарæггæнджыты конкурс «Цæмæй райдайы райгуырæн бæстæ». Конкурсы архайынмæ курдиæттæ балæвæрдтой 33 æвзонг солисты. Архайдтой дзы, 6 азæй 17 азы кæуыл цæуы, ахæм сывæллæттæ. Конкурс вæййы æрвылаз. Солисттæй уæлдай ма сценæмæ рацыдысты зарæггæнджыты къордтæ дæр. 10 ансамблы дзы равдыстой сæ дæсныйад. Æрыгон фæлтæрæн сæ курдиат раргом кæнын, патриотон æнкъарæнтæ сæм равзæрын кæнын уыдис конкурс аразджыты сæйраг хæс. Концертмæ æрбахуыдтой ахуырад æмæ наукæйы министрады минæвæртты æмæ æхсæнадон организацитæ. Жюрийы уæнгтæ фæсивæдæн аккаг аргъ скодтой. Конкурсы фехъусæн уыд хæстон-патриотон зарджытæ куыд уырыссагау, афтæ ирон æвзагыл дæр. Мадзалы нысаниуæг у ахадгæ патриотон хъомылады райрæзтæн. Конкурс уымæн у ахъаззаг æххуыс. Кæронбæттæны уæлахиздзаутæн радтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сывæллæтты сфæлдыстадон галуаны уыд патриотон зарæггæнджыты конкурс
Категория:
Новости и СМИ