Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры 150 азы бонмæ цæттæ кæнынц
Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры 150 азы бонмæ цæттæ кæнынц Цæгат Ирыстоны. Цæттæгæнæн кусæг къорды фыццаг æмбырд уыд хицауады хæдзары. Разамынд ын лæвæрдта вице-премьер Азымты Иринæ. Мадзалы архайдтой республикæйы министрадты минæвæрттæ, уыимæ ма театралон архайджытæ. Æмбырды æрдзырдтой сæрмагонд пъланыл. 2021 азмæ фæззæгмæ цæттæ кæнынц егъау мадзæлттæ. Уыимæ ма, Мæскуыйы Евгений Вахтанговы номыл театр ссæудзæн гастрольты Дзæуджыхъæумæ. Ууыл сæрмагондæй ныхас кодтой Цæгат Ирыстоны минæварады дæр. Уый тыххæй уын хъусын кодтам нæ программæйы уырыссаг хайы. Цæттæгæнæн комитет сæвзæрд республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы хъæппæрисæй. Разамынд ын дæтты республикæйы разамонæг йæхæдæг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Евгений Вахтанговы номыл Уырыссаг академион театры 150 азы бонмæ цæттæ кæнынц
Категория:
Новости и СМИ