Æнæнхъæлæджы уавæрты министрад сарæзта фæндаггон-транспортон цауы фæстиуджытæ иуварс кæныны фæдыл

Фæндаггон-транспортон цауы хъыгдард баййæфтой 3 адæймаджы. Æртæ минуты йедтæмæ нæма рацыд, афтæмæй бынатмæ ирвæзынгæнджытæ æрбахæццæ сты. Уавæрæн аргъ скодтой æмæ æвæстиатæй сæ куыстмæ бавнæлдтой. Æрымысгæ цаумæ гæсгæ, Камаз æмæ дыууæ рог хæдтулгæйы кæрæдзийы скъуырдтой. Машинæтæй иу ссыгъд, дыууæ адæймаджы йæ мидæг æхгæдæй баззадысты. Фыццаг уал аккумулятор ахуыссын кæнынц. Дарддæр фæстаг авг асæттынц, цæмæй машинæмæ бахауæн уа, уый тыххæй. Бахъуаджы рæстæг хæдтулгæйы сæр дæр слыг кæнынц. Статистикæмæ гæсгæ, фæндаггон цауты бахауæг адæм арæхдæр амæлынц, афойнадыл сын фыццаг æххуыс кæй нæ бакӕнынц, кæнæ сæ раст хуызы эвакуаци кæй не скæнынц. Уый тыххæй ахæм ахуыртæ æнæмæнг хъæугæ сты. Федералон автомобилон фæндæгтыл ацæуынц дыууæ хатты афæдзмæ. Уавæры тæссагдзинад фæдывæр, хæдтулгæ кæй ссыгъд, уымӕй. Артаг куы ракæла, уæд срæмудздзæн. Уый тыххæй архайын хъæуы æвæстиатæй. Оперативон къорд сæрмагонд техникæ дыууæ минутмæ æрцæттæ кодта. Зынгсирвæзт ахуыссын кæнын къухы бафтыд. Ахуырты райдайæнæй кæронмæ рацыд 20 минуты. Фæндаггон цауы бахауæг адæм иууылдæр сты сæрæгас. Уый та уый тыххæй, æмæ ирвæзынгæнджытæ æмдых æмæ цæрдæг куыст бакодтой. Нысангонд хæстæ сæххæст кæнын къухы бафтыд. Ирвæзынгæнджыты цæттæдзинады æмвæзад рабæрæг вæййы æнæнхъæлæджы цауты рæстæг. Статистикæмæ гæсгæ, афæдзмæ æрцыд 800 фæндаггон-транспортон цауы. Уыдоны фæмард 93 адæймаджы, 1200 – фæцæфтæ сты. Æнæ ирвæзынгæнджыты æвæстиат архайдæй сæ нымæц уыдаид бирæ фылдæр.

Иконка канала IRYSTONTV
1 462 подписчика
12+
31 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии