Цæгат Ирыстоны хатдзæгтæ скодтой федералон проект «Культурæ»-йы

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 просмотров

5 лет назад

Культурæйы хæдзæртты цалцæг, ахуыргæнджыты фæлтæрддзинад уæлдæр кæнынад, сывæллæтты аивæдты скъолаты аразтад æмæ æндæр мадзæлттæ. Иууылдæр къухы 'фтынц национ проект «Культурæйы» руаджы. Цæгат Ирыстоны сæрмагонд проект æххæст кæнынц дыууæ азы дæргъы. Ныридæгæн цæмæй раппæлой, уый сын ис. Нæ республикæйы æмæ иннæ регионты культурæйы æнтыстдзинæдтимæ базонгæ сты сæрмагонд æмбырды архайджытæ. Культурон цард Кавказы регионты армы тъæпæныл æрæвæрæгау. Хъалмыхъы, Волгограды облæсты æмæ нæ республикæйы фæлтæрддзинадыл æнцайгæйæ стендтыл — регионты хъæздыгдзинад, культурæйы ивддзинæдтæ. Дыууæ азмæ регионы къухы цы бафтыд, уый культурæйы министр æххæстæй радзырдта. Се'хсæн Алагиры сывæллæтты аивæдты скъола. Хæзныдоны культурæйы хæдзары цалцæг. Ног уавæртæм ам рагæй æнхъæлмæ кастысты. Регионы фæсивæдæн сæ курдиат раргом кæнынæн фæзынд фылдæр уавæртæ. Уæдæ ахуыргæнджытæ дæр ацæуынц сæрмагонд ахуыртæ. Нацпроект «Культурæ»-йы сæйраг хъуыды — фылдæр адæмы курдиаттæ раргом кæнын. Сæ хуыздæрты суазæг кæндзысты нæ бæстæйы раззагдæр каналтæ. Уæдæ регионты 'хсæн бастдзинад дæр фæуæрæхдæр уыдзæн. Дзырдæн зæгъæм, Дагестаны, сыхаг республикæты фæлтæрлддзинадыл æнцадысты. Программæйы æххуысæй иуварсгонд æрцыдысты бирæ азты бакусын кæй не нтыст, ахæм фарстатæ. Йæ размæвæрд нысæнттæ 2024 азы онг баххæст кæнын фæнд кæны Цæгат Ирыстон дæр. Регионы спецификæ хынцгæйæ скъолатæ æмæ культурæйы хæдзæрттæ сифтонг кæндзысты æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй. Дзырд æрмæст музыкалон дзауматыл нæ цæуы. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ æмткæй райсгæйæ ацы проекты стыр ахадындзинад æмæ хъомыс ирдæй равдыстой Уæрæсейы Хуссайраг регионтæ. Цæгат Кавказы Федералон зылды республикæты ацы аз банымадтой хуыздæртыл. Цас пайда у проект «Культурæ», уый бафиппайæн ис йæ хатдзæгтæй. Ивгъуыд аз æххæстгонд æрцыд программæйы 99 процеты. Уый та у бæрзонд бæрæггæнæн федералон программæты 'хсæн. Проекты сæйраг нысан ивд не`рцыд дарддæр дæр кусдзысты Уæрæсейы культурæйы рæзтыл. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv