Къуприты сагъæсæн
Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад фæнд кæны фæсарæйнаг сæнты бæрц нæ бæстæйы фæкъаддæр кæнын. Куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы продукци Уæрæсе йæхæдæг фаг уадзы. Æмбæлгæ уынаффæйы проектыл министрад ныртæккæ кæронмæ хъуамæ бакуса æмæ йæ уæд рахæсдзæн Хицауады размæ. Ног хъæппæрисы тыххæй информаци равæрдтой барадон актты сайты. Сæрмагондæй дзы нысан кæнынц, ныхас продукцийы цавæр хуызтыл цæуы, уый. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, 2016-æм азы августы Уæрæсейы Хицауады сæрдар Дмитрий Медведев радта сæрмагонд бардзырд. Амынд дзы куыд уыдис, афтæмæй паддзахадон æмæ муниципалон ифтонгады тыххæй фылдæр хъуамæ æлхæдтаиккой Уæрæсейаг æмæ Евразион экономикон цæдисы уагъд продукттæ. Номхыгъдмæ уæд бахаудысты кæсаг, дзидзайы алы хуызтæ, нæлхæ, цыхтытæ, пырындз, сæкæр, цæхх æмæ бæзджынгонд адджын æхсыр. Ныр ма сыл бафтыд сæн дæр. Уыцы-иу рæстæг министрад сиды, кæмæй аразгæ у, уыдонмæ, цæмæй бæстæйæн йæхимидæг сæнтæ уадзынæн аразой хъæугæ фадæттæ æмæ технологитæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Къуприты сагъæсæн
Категория:
Новости и СМИ