Хæслæвæрдтæ районты хицауадæн

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

9 лет назад

Æрæфы æмæ Алагиры районты цалдæр скъолайы ахуыргæнджытæн декабры мызд нæ бафыстой. Фарста абон изæрмæ алыг кæныны хæслæвæрд районты разамонджытæн радта нæ республикæйы сæргълæууæг.  Æххæстгæнæг хицаудзинады æмæ бынæттон хиуынаффæйады органты æмгуыстадыл Битарты Вячеслав æрдзырдта районты æппæт сæргълæуджытимæ дæр. Æркастысты адæмы курдиæттæм. Алагиры районы Карцайы цæрджытæ бахъаст кодтой, хъæуы дохтыр кæй нæй, уый тыххæй. Саразинаг дзы у фæндаг. Адæмæн та ныридæгæн сæ бон нæу чырæ бастдзинадæй пайда кæнын. Республикæйы бирæ рæвдауæндæтты æмæ кæцыдæр скъолаты нæй спортивон фæзтæ, сæ кæртыты æмæ уынджы нæй рухс, хъæуты фаг не сты фельдшерон пункттæ. Битарты Вячеслав бабар кодта, цæмæй ацы фарстатæ лыггонд æрцæуой цыбыр рæстæгмæ. Афтæ Карцамæ къуыри дыууæ хатты Алагиры рынчындонæй цæуын райдайдзæн дохтыр; сæ фæндагмæ уал чысыл базилдзысты, иннæ аз та йæ бындуронæй сцалцæг кæндзысты. Æрдзырдтой ма Дзæуджыхъæуы æмæ нæ районты сыгъдæгдзинадыл. Республикæйы сæргълæууæг бабар кодта, цæмæй æнæзакъон бырондæттæ айсой. Æмбырды ма дзырдтой, хъæууон хæдзарадон зæххыты хаццонты æргътæ кæй фæфылдæр сты, уый. Арендатортæй чи нæ фиды, уыдоны зæххытæ ратдзысты æндæртæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хæслæвæрдтæ районты хицауадæн

Категория:

Новости и СМИ