Ахсджиаг хъуыддаг
Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырдмæ æвзæрстытæм цæттæгæнæн мадзæлттæ райдыдтой. Арæзт æрцæудзысты хъæлæс кæныны иумæйаг бон - 8-æм сентябры. Ивгъуыд азы кæрон Центрон æвзарæн къамис байгом кодта ахуыргæнæн центр æвзæрстыты æппæт архайджытæн дæр. Ныртæккæ уал цæуы ахуырты дыккаг къæпхæн. Сæ сæйраг нысан у, курсытæм чи хъусы, уыдоны се `взарæн бартимæ базонгæ кæнын. Ахуыргæнæн центры куысты хатдзæгтæм гæсгæ, 1500 адæймагæй фылдæр райсдзысты сертификаттæ. Сæ зонындзинæдтæ сын сбæрæг кæндзысты тестты хуызы. Афтæмæй рабæрæг уыдзæн, ахуырадон центры рауагъдонтæ куыд цæттæ сты, уый. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахсджиаг хъуыддаг
Категория:
Новости и СМИ