Бæрæгбоны кадæн
Абон æппæт Уæрæсейы бæрæг кæнынц амалхъом адæмы бон. Дзæуджыхъæу дæр, Тæбæхсæуты Балойы номыл ирон драмон театры æрæмбырд сты Респуликæйы хицауады уæнгтæ æмæ бизнесы алы къабæзты минæвæрттæ.Ахæм мадзал саразынц æрвылаз, Республикæйы сæргълæууæджы хъæппæрисæй. Абоны кадджын мадзалы архайдта йæхæдæг дæр. Йемæ Хицауады сæрдар Тускъаты Тамураз. Уыдон архайджытæн загътой арфæйы ныхæстæ. Куыд фæнысан кодтой, афтæмæй амалхъом адæмы куыст ахадгæ у Цæгат Ирыстонæн. Æмбæрды æрдзырдтой ивгъуыд азы хуыздæр проекттыл. Мадзалы амидингæнджытæ сты республикæйы экономикон райрæзты министрад, стæй равдыстыты æмæ презентациты сæрмагонд фонд. Бæрæгбоны кадæн æрбацæуджытæн бацæттæ кодтой концерт дæр. Сæ курдиат нæ бавгъау кодтой ансамбль Алан æмæ еспубликæйы зындгод зарæггæнджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бæрæгбоны кадæн
Категория:
Новости и СМИ