Æдасдзинады фæдыл æмбырд

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Битарты Вячеслав архайдта, Уæрæсейы антитеррористон комитет Махачкалайы цы `мбырд сарæзта, уым. Сæрдариуæг дзы кодта Æдасдзинады федералон службæйы директор Александр Бортников. Йæ ныхæстæм гæсгæ, сæрмагонд службæты куысты фæрцы Цæгат Кавказы федералон зылды террористон фыдракæндты бæрц дыууæ хатты фæкъаддæр. Æрмæст ацы аз сæ къухы бафтыд, чи рцыдаид, ахæм 6 фыдбылызы. Æрцахстой 62 террористы, стæй сын æххуыс чи кодта, уыцы 142 адæймаджы. Æдасдзинады федералон службæйы минæвæртты къухæй сæ мæлæт ссардтой 50 террористы. Бортников ма фæнысан кодта, ахæм æнтысджын куысты руаджы фыдгæнджытæн сæ къухы ног къордтæ аразын кæй нал æнтысы. Фæлæ нырма тæссаг у, террористты фæдонтæ Цæгат Кавказмæ æндæр рæттæй куы æрбафтой, уымæй. Сæ фылдæр вæййынц Скæсæн регионты хæстон быцæуты архайджытæ. Ахæмтæ терроризмы идеологи парахат кæнынц фæсивæды `хсæн. Антитеррористон комитеты директор Цæгат Кавказы регионты разамонджытæм фæсидтис, ацы хъуыддагмæ уæлдай æргом аздахын æмæ æдасдзинады службæ цы мадзæлттæй архайы, уыдонæй пайда кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æдасдзинады фæдыл æмбырд

Категория:

Новости и СМИ