Æргом ныхас

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

21 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

21 просмотр

8 лет назад

Футболон клуб Спартак-Дзæуджыхъæуы спортсментæ фембæлдысты футболуарзджытимæ. Æмбырды уыди командæйы сæйраг тренер Гæззаты Юрий. Йæ ныхæстæм гæсгæ, раздæр ахæм фембæлдтытæ афæдз дыууæ хатты арæзтой. Ныр, футбол чи уарзы, уыдон æрымбырд сты хъазты ног сезоны райдиан, цæмæй сæ командæйы архайджытимæ аныхас кæной. Фæлæ йæ куыд уынут, афтæ ахæм æмбырд цымыдисаг бирæтæм нæ фæкаст. Спортсменты фарсмæ не`рбалæууыдысты. Гæззаты Юрий куыд загъта, афтæмæй, сын ахæм уавæр амоны сæ рæдыдтытыл разæнгарддæрæй куыд кусын хъæуы, уый. Цæмæй спортуарзджытæ уыной футболистты хорз хъаст. Æмæ та ногæй тырной сæ уарзон футболисттимæ фембæлынмæ. Командæйы архайджыты хъæуы сæхиуыл афтæ бакусын, цæмæй сæм адæм фæстæмæ се`ргом раздæхой. АНДРЕЙ ПОПОВ - ФАН-КЛУБ «АЛАЙНАГ ФЫРАНЧЫТЫ» РАЗАМОНÆГ: «Ахæм фембæлдтытæ саразынц ног сезоны райдиан æмæ йæ кæрон. Йæ райдианы æрныхас кæнæм - цавæр нысæнттæ æмæ хæслæвæрдтæ нæм ис, ууыл. Сезоны кæрон та уый тыххæй, цæмæй нæ куыстæн хатдзæгтæ скæнæм. Мæнмæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ раздæры хуызæн уыдзысты арæх. Æмæ нын цы бантыст нæ командæйæн уый тыххæй иууылдæр иумæ дзурдзыстæм». _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Æргом ныхас

Категория:

Новости и СМИ