Уæлдæй цæстдард
Социалон хызæгты шофыртæм сидынц артаджы цалдæр станцæйы лæггæдтæй цæмæй мауал пайда кæной. Уымæн аххосаг- газы аргъ кæй фæфылдæр ис,уый. Уымæй уæлдай ма адæм сæ хъаст бахастой парти «Иугонд Уæрæсе»-йы депутаттæм дæр. Партийы проект «Народный контроль»-ы уæнгтæ сарæзтой мониторинг артаджы станцæты. «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ фыццаг артаджы станцæйы фæбæрæг кодтой æргътæ 2 сомы кæй фæкъаддæр сты, уый. Газы æргътæ бæрæг кæнын райдыдтой дыууæ къырийы размæ. Шофыртæ дæр æй банкъардтой, кæй фæассламдæр сты, уый. Артаджы станцæйы хицауад куыд бамбарын кодта, афтæмæй газы аргъ снысан кæнынц сæхæдæгæй цасæй балхæнынц, уыцы бæрцæй. Уыимæ ма йæм бафтауынц фæндаггон æмæ коммерцион хæрдзтæ. Уый хынцгæйæ уыцы иу регионы æргътæ иухуызон не `сты. Абон газы литры æппынкъаддæр аргъ нæ республикæйы у 20 сомы 90 къапеччы, æппæты бæрзонддæр та 21 сомы 50 капеччы. Зæгъæм, Кæсæг- Балхъары газы литры аргъ у 21 сомы 20 капеччы, Минводты 21 сомы, Армавиры та 22 сомы 50 капекæй 23 сомы онг. Фæлæ, артаджы станцæты хицау куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй регионты æргътæ кæрæдзимæ барын раст нæу. Уымæн æмæ газæн йæ хæрзхъæддзинад алы ран бæрæг нæу. «Газ цы аргъæй балхæнынц, уымæ гæсгæ та саразынц йæ уæйгæнæн аргъ дæр. Фæстаг рæстæг архайæм æргътæ фæкъаддæр кæныныл. Цæмæй адæмæн дæр фенцондæр уа. Бирæтæ уыцы хъуыддаг бамбæрстой. Нæ компанийы хицауадмæ аргъ зынаргъ у, зæгъгæ бирæ шофыртæ бахатыдысты. Абон сыхаг респуликæты махимæ абаргæйæ æргътæ зынаргъдæр сты», - артаджы станцæйы директор Цэлойты Тимур. Рейды рæстæг партийы минæвæрттæ фæныхас кæнынц артаджы станцæты хицауадимæ, æргътæ цæмæй бæрæггонд цæуынц, уыцы фарстамæ дæр лæмбынæгæй æркæсынц. Сæ сæйраг курдиат вæййы- æргътæ фæкъаддæр кæнын. «Адæм газы æргъ бæрзонд кæй, у уымæй тыхсынц. Нæ проекты фæлгæты сарæзтам рейдтæ артаджы станцæтыл. Хæстæгдæр рæстæг дæр уыцы фарстайыл кусдзыстæм. Ныфс нæм ис, дарддæр дæр æргътæ къаддæр кæй кæндзысты, уымæй», - парти «Иугонд Уэрэсе»-йы федералон проект «Народный контроль»-ы уæнг Тауитты Алыксандр. Партийы минæвæрттæ бабæрæг кодтой 8 артаджы станцæйы. Басгæрсты хатдзæгтæй разыйæ баззадысты. Куыд зæгъынц, афтæмæй дарддæр дæр артаджы æргътæм сæ цæст дардзысты. Пелиты Сабинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæлдæй цæстдард
Категория:
Новости и СМИ