Уголовон-æххæстгæнæн системæйы кусджыты бæрæгбон
Алименттæ фидынæй йæхи чи 'мбæхсы, фыдракæндтæ чи ракодта, уæззау фæстиуджытимæ фæндаггон фыдбылызты архайджытæ. Æртыккæгæм цæрæн калонийы – карз фæткæй кæй раивтой, йæхи хорз чи равдыста, фыццаг хатт тæрхонгонд чи æрцыд, уыдон. Сæ æмгъуыд æрвитынц администрацийы цæстдардимæ. Æртæйæ фондз азы онг ахст чи æрцыд, уыдонæн сæ уавæртæ рогдæр сты. Сæ архайд у æнæ арæнæвæрдæй. Уадзынц сæ граждайнаг уæлæдарæс дарын, сæ рæбыны ис æхца æмæ зынаргъ дзаумæттæ. Сæ æрвитæггæгтæ æмæ фембæлдтытæ бæрцгонд не сты. Нæ æрмæджы хъайтар ма ахæстоны фæуыдзæн афæдз. Йæ хиуæттимæ йæ фæхицæн кодта Уæрæсейы Уголовон Кодексы 158-æм статьяйы 1-æм хай – кæйдæр мулк адавыны фæдыл цау. Йæхæдæг куыд радзырдта, афтæмæй йæ цард æнцон нæ рауад, фæлæ йын ныр аргъ кæнын базыдта. Йæ стырдæр бæллиц у æмгъуыдæй раздæр рацæуын æмæ бинонтæ скæнын. Цæрæн калонийы бынат ис 199 адæймагæн. Барвæндонæй дзы кусынц æрмæст пенсионертæ æмæ инвалидтæ, иннæтæн хъæууонхæдзарадон æмæ промышленнон кондадты фæллой кæнын æнæмæнг хъуыддаг у. Æмбæлы сын æрвылазон оптуск æмбæлгæ фиддонимæ. Мызд дæр сын фидынц. Йæ бæрц æппынкъадæр у 20 мины. Æхцайы фæрæзты кæцыдæр хайæ баххæст кæнынц сæ дарыны фæдыл хæрдзтæ, хæрды, коммуналон æмæ æрвылбоны лæггæдты фиддонтæ. Афтæмæй ма тæрхонгонд райсы йæ мызды 25%. Æртыккæгæм цæрæн калонийы бындурыл кусы, æнæмæнг куыстыты тæрхон кæмæн рахастой, уыдоны раст фæндагыл æвæрыны центр. Хуымæтæг æмдзæрæн, фæлæ сæрмагонд фæтк æвæрдимæ. Ам чи ис, уыдон продукттæ æлхæннц сæхæдæг, хæринаг цæттæ кæнынц, гæрзтæ æхсынц. Ис сын горæтмæ рацыуыны бар дæр. Пайда кæнынц телефонæй, мобилон бастдзинад æмæ Интернетæй. Фæлæ æнæмæнг сæ райсом райдайы райсомы 6 сахатыл, кæрон æнцой та сын снысан кæнынц изæры дæс сахатыл. Сæйградæр уый у, æмæ æхсæнадæй иппæрд не сты. Рог фыдракæдтæ ракæныны фæдыл æнæмæнг куыстыты тæрхон кæмæн рахастой, уыдон разы сты. Ацы хуызы тæрхонмæ раивыны фæдыл курдиат бадæттæн ис цæрæн калонийы. Æнæмæнг куыстыты тæрхон кæмæн рахастой, уыдоны раст фæндагыл æвæрыны центртæ республикæйы сты дыууæ. Бынат дзы ис 115 адæймагæн. Фидæны пълæнтты ма сæрмагонд кусæндæтты нымæц фæфылдæр кæнын, зæгъы Тæрхондоны уынаффæтæ æххæстгæнæн цæгатирыстойнаг управленийы хицауады хæдивæг Павел Штепа. Æнæмæнг куыстыты тæрхон кæмæн рахастой, уыдон фæллой кæнынц бынæттон куыстуæтты сæрмагонд бадзырдмæ гæсгæ. Ацы тæрхоны хуыз æрæджы фæзынд. Сссæрибар уæвыны агъоммæ ахст адæмы цæттæ кæнын райдайынц æхсæнады 'хсæн цæрынмæ. Баххуыс сын кæнынц куыст ссарыны фарстайы. Уый тыххæй сын «Работа в России» порталы сæ резюме равæрынц. Ахуыртæ сыын саразынц сæрмагонд скъолайы. Уым сæхиуыл фæхæцынц, сæ тыхст сын фесафын кæнынц, царды ног къæпхæныл сæ æрлæууын кæнынц.