Ленкгæнæгæй хорзæх
Кæсагдарыны куыст парахат кæны Цæгат Ирыстоны. 2018 азы республикæйы фæзынд дыууæ ног куыстуаты. Самал кодтой 980 тоннæйы кæсаг. Инвестицитæ экономикæмæ куыд фылдæр кæнынц, афтæ æфты хъалонтæй æфтиæгтыл дæр. Ног куыстуæтты руаджы хъæуты цæрджытæн фæзыны фæллойадон бынæттæ. Республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав бабæрæг кодта, ныридæгæн нæм цы кæсагдарæн хæдзарадтæ ис уыдон. Иу хæдзарады инвестор дзы у компани «Остров». Фарон аз самал кодтой кæсаджы 238 тоннæйы. Афæдзы кæронмæ уыцы бæрæггæнæн фæнд кæнынц цалдæр хатты фæфылдæр кæнын. Баххуыс ын кæндзысты æхцайы фæрæзтæй дæр. Инвестор æппæт куыстытæн хъуамæ радих кæна 1 млрд сомы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ленкгæнæгæй хорзæх
Категория:
Новости и СМИ