Уырыссаг æвзагæй иумæйаг хатдзæг скæныны фæлварæн
Уæрæсейы æппæт регионты дæр исынц курдиæттæ уырыссаг æвзагæй иумæйаг хатдзæг скæныны фæлварæны бацархайынмæ. Курдиат бадæттæн ис 28-æм январы онг. Фыццаг хатт фæлварæн сарæзтой фарон. Цæгат Ирыстоны йæ лæвæрдтой 7 мин рауагъдонæй фылдæр. Саразынц æй, 9 къласы каст чи фæци, уыдонæн. Уырыссаг æвзаджы фæлварæн арæзт у 4 хæслæвæрдæй; фыццаджыдæр текст хъæрæй бакæсын, радзурын æй хи ныхæстæй æмæ æрмæджы фæдыл хи хъуыдытæ зæгъын. Рауагъдонтæ хъуамæ дзуапп радтой ахуыргæнæджы фæрстытæн дæр. Фæлварæнæн лæвæрд цæуы 15 минуты. Йе `нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, уыцы сывæллæттæн та лæвæрд цæудзæн 30 минуты. Æнæмæнгдæтгæ фæлварæн уырыссаг æвзагæй афойныл чи нæ радта, уыдонæн æй фадат уыдзæн уæлæмхасæн рæстæг ныффыссын. Ахæм гæнæн уыдзæн 11 мартъи æмæ 18 майы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уырыссаг æвзагæй иумæйаг хатдзæг скæныны фæлварæн
Категория:
Новости и СМИ