12 мин адæймаджы кусынц æнæ æмбæлгæ фæллойадон бадзырдтæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

112 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

12 мин адæймаджы кусынц æнæ æмбæлгæ фæллойадон бадзырдтæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

112 просмотров

3 года назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

112 просмотров

3 года назад

Цæгат Кавказы федералон зылды афæдзы фыццаг кварталы хатдзæгтæм гæсгæ 12 мин адæймаджы кусынц æнæ æмбæлгæ фæллойадон бадзырдтæй. Уый тыххæй Юрий Чайка фехъусын кодта ведомствоты 'хсæн къамисы æмбырды. Видеобастдзинады руаджы дзы архайдта регионы хицауады сæрдар Дзанайты Барис. Федералон зылды фæллойадон бадзырдтæ бафыстой 3 мин 151 адæймаджы. 2 мин адæймагæй фылдæр регистрацигонд æрцыдысты амалхъом адæймæгтæй, 4 мины та банымадтой хи куыстуæтты разамонджытыл. Юрий Чайка куыд бафиппайдта, афтæмæй фæллойадон ахастдзинæдтæ хъуамæ нысангонд цæуой закъоны бындурыл. Уый тыххæй та хъæуы фылдæр информацион-æмбарынгæнæн куыст кæнын. Æмбырды ма ныхас цыд паддзахады домæнты иувæрсты экономикæйы архайдыл. Фылдæр домæнты сæрты ахизынц астæуккаг æмæ чысыл куыстуæттæ. Президенты æххæстбарджын минæвар куыд бафиппайдта, афтæмæй 2022-æм азы Хицауады сæрдар Михаил Мишустины амындмæ гæсгæ нысангонд æрцыд сæрмагонд системæ. Йæ сæйраг нысан паддзахады къазна æфхæрын ма руадзын юридикон бæрнондзинадимæ æмæ амалхъом адæмы фæллойадон архайдæй.

, чтобы оставлять комментарии