Æппынкъаддæр мызды бæрц
УФ-йы Федерацийы Совет рахаста æппынкъаддæр мызды бæрц фæфылдæр кæныны уынаффæ. 1-æм майæ фæстæмæ суыдзæн 11 мины 163 сомы. Закъоны домæнтæм гæсгæ сæ мызд фæфылдæр уыдзæн 3 милуан адæймагæн. Æрæджы фæллой æмæ социалон хъахъæнынады министр Максим Топилин куыд загъта, афтæмæй адæмæн сæ мызд фæбæрзонддæр кæнынæн федералон бюджетæй радих кодтой 20 миллиард сомы. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы уынаффæ рахаста Владимир Путин. Паддзахадон Думæ та йæ ныффидар кодта. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æппынкъаддæр мызды бæрц
Категория:
Новости и СМИ