Театры кусджыты цæдисы уæнгтæн уыд фембæлд
Театры кусджыты цæдисы уæнгтæн уыд фембæлд. Æмбырды ныхас кодтой ивгъуыд азы цы куыст бакодтой æмæ цæм фидæнмæ цы пълæнттæ ис ууыл. Сфæлдстадон мадзæлттæй театры аз уыд хъæздыг. Сæйрагдæр уæлахизыл банымайæн ис бæхты театр «Нарты» сæндидзын кæй бантыст, уый. Уырыссаг театры актертæн рауад хъæздыг гастрольтæй. Æмбырды æрныхас кодтой «Социальная поддержка деятелей культуры в 2020 азы» программæйыл дæр. Театры кусджыты цæдис дарддæр дæр æххуыс кæндзæн культурæйы æмæ театры кусджытæн. Театры райрæзтмæ стыр æвæрæн чи бахаста уыдоны Уæрæсейы Театры кусджыты цæдисы сæрдары номæй радтой бузныджы фыстæджытæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Театры кусджыты цæдисы уæнгтæн уыд фембæлд
Категория:
Новости и СМИ