Хетæджы Къохы цæуынц аивгæнæн куыстытæ
Хетæджы Къохы цæуынц аивгæнæн куыстытæ
Хетæджы Къохы цæуынц аивгæнæн куыстытæ. Дзуарыбынмæ зилы бархионты къорд. Фæндаджы был та сæвæрдтой ног асфальт. Ныридæгæн та дзы амайынц мæсыг. Фæнд ма кæнынц Лæгты Дзуары ныв дæр сног кæнын. Куыстытæ кæронмæ сæххæст кæндзысты 15-æм июнмæ. Æхцайы фæрæзтæй сын æххуыс кæны Алагиры районы бынæттон администраци ӕмӕ цæрджытæ.